Фамильная башня

Магкеты Мæиырбег, генералон штабы булкъон, техникон зонæдты кандидат, фыссæг, 10 азы дæргъы æмгуыст фæкодта зынгæ ирон ахуыргонд Абайты Васоимæ. Васойы тыххæй уый ныффыста стыр чиныг. Ныффыста ма бирæ æмдзæвгæтæ, фæлæ йæ сæйрагдæр куыст у Мæскуыйы ирон æхсæнад «Фарн»-ы историйы чиныг.

Ацы чиныджы тыххæй Дзасохты Алыксандр, загъта: «Ацы чиныг у фундаменталон куыст, аргъ йын нæй». Æмæ мæхæдæг уыдтæн æвдисæн, Магкеты Мæиырбег куыд балæвар кодта ацы чингуытæ Гæджынаты Зæрæйæн æмæ Зарæ дзырдлæвæрд куыд радта Мæиырбегæн, ома, ацы чингуыты равдыст кæй скæндзæн Гæджынаты мыггаджы мæсыджы, уымæн.

Æмæ йæ ныхасæн хицау разынд Зарæ. Сырвыста мæм къам, зынынц дзы æртæ тæрхæгыл Мæирбеджы чингуыты равдыст. Ирыстонмæ бирæ туристтæ ссæуы Уæрæсейæ, фæсарæнтæй, æмæ Гæджынаты мæсыг уынынмæ куы ‘рбацæуынц, уæд цын Зарæ Мæиырбеджы тыххæй дæр радзуры æнæмæнг. Ноджы Зарæ ацы равдыст скодта Церекаты Дзамболаты ном аргæйæ — Магкеты Мæиырбег уыдис Церекаты Дзамболаты байзæддаг — йæ мад уыдис Дзамболаты фырт Саламджерийы чызг. Æмæ зæгъæм стыр бузныг Гæджынаты уæздан чындз Зарæйæн, Мæскуыйы ирон æхсæнады номæй, стыр бузныг йæ ‘рхъуыдыдзинадæн. Зарæ, Мæирбег йæ ‘цæг дунейæ кæсы æмæ уыны, кæй йæ нæ рох кæныс, уый. Æмæ дын уый дæр стыр бузныг зæгъы. Нæ зынгæ нывгæнæг Лотити Игор, сныв кодта Дзамболаты стыр портрет, уыцы портреты къам дын дæ равдыст скæнид бынтон æххæст. Дæ хæрзтæм бæллæг Ходы Тамерлан. УÆЛÆМХАСÆН: Церекаты Дзамболаты тыххæй дыууæ ныхасы. Йæ заман Куырттаты комы нымаддæр æмæ хъæбатырдæр лæгтæй иу уыдис Церекаты Дзамболат.

Уыдис Хъырымы хæсты1853–1856 азты. Стæй ма 1877 азы барвæндонæй Болгаримæ ацыдис хæстмæ. Цыдис йыл уæд 86 азы. Уырыссаг инæлæрттæ иу дисы бацыдысты, Дзамболат иу тохы тæмæны цы хъæбатырдзинад æвдыста, уыуыл. Бирæ хæрзиуджытæ йæм уыдис, ссис Сыгъдæг Георгийы цыппар къæпхæны майданты æххæст кавалер. Уыдис Уæрæсейы паддзахы бæхджын къорды, конвойы архайæг. Ахæм дæнцæг дæр ма зонын, зынгæ уырыссаг археолог, графиня Уварова иу Ирыстоны Куырттаты коммæ куы æрбацыд, уæд иу Церекаты Дзамболатмæ æрфысым кодта. Дзамболат бирæ фæцард — 124 азы.

Райгуырд Пушкинæй раздæр — 1791 азы, йæ цардæй та ахицæн 1916 азы. Æз цын сæ бинонты цард хорз зонын, уымæн æмæ Церекаты Дзамболаты фырты-фырт Сæлæмон уыдис мæ хорз сыхаг Дзæуджыхъæуы, дуар-дуар цардыстæм. Уæдæ Мæйырбеджы дæр рагæй зыдтон, æфсæддон курсант ма куы уыди, уæдæй нырмæ. Йæ мадырвадæлтæм, Церекатæм иу арæх æссыд Мæскуыйæ.

ХОДЫ ТАМЕРЛАН
г. МÆСКУЫ
МАЙРÆМЫ МÆЙ 2021 аз

Фамильная песня Гаджиновых:слова Риммы Хабаевой-Гаджиновой, исполняет
Руслан Гаджинов